ЦЫМА ÆРÆНЦАД ЗÆХХЫЛ АРВ...
Цыма æрæнцад зæххыл арв,
Кæсы тызмæг æмæ хъуынтъызæй.
йæ дыстæ басчъил кодта арф, —
Тæккæ ныл рауадздзæн хуынты зæй...
Цæхæртæ акалдта æваст,
Уый мигъты дондыппыр лæмары.
Хуыцаумæ кувæг лæгау раст
йæ тæрттæ халсар арвмæ дары.
Ныуудæст дойны зæхх — æфсæст,
Кæны йыл лакъондон лæсæнтæ.
Уæддæр нæ бафсæсти йæ цæст,
Кæны дзы алыран тъыссæнтæ...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор