ЦÆСТЫСЫГ ДÆР У ТАУИНАГ...
Нæ сидтмæ — куырм æмæ къуырма,
Кæны зæрдæдзæфтæ фырмæтæй.
Лæгау нæ райгуырди нырма,
Тæрсы уый афтæмæй мæлæтæй.
Нырма нæ банкъардта нæ хъыг,
Нæма у хайджын уый нæ цинтæй,
Фæнды йæ афтæмæй, цæссыг
Куы згъæлид уыцы «сау бон» минтæй...
Цæссыг дæр тауинаг у, зон,
Кæд æй дæ зæрдæйæ лæмæрстай,
Ысси йæ байтауын дæ бон,
Уæд рох нæ уыдзынæ дæ бæстæй...
Æмæ... куы дыл батар уа дуг, —
Ныллæг æруадздзыстæм нæ сæртæ.
Нæ цæстытæй лæдæрсдзæн туг,
Ингæн та дын уыдзæн нæ зæрдæ...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор