УЫЙ ТАЙДЗÆН, ’РУАЙДЗÆН...
Уый тайдзæн, ’руайдзæн, —
У хъазæнхъул ахæм,—
Æрмæстдæр дзы раппæл,
йæ зæрдæ йын алхæн.
Дымгæ боны халау,
Æртасы, ныкъæдзи,
Къæбæрæнхъæл куыдзау
Фæтилы йæ къæдзил.
Фыццаг лæг æй рахон, —
У афтæ йæ ахуыр, —
Кæндзæнис дыл науæд
Фæсвæд-æргом хахуыр.
Куыдзау та тæрсаг у —
Афтидарм, æнахуыр.
йæ къæбæр ын аппар, —
Ысуыдзæн æрмахуыр...
Цыфæнды дæр ма уа, —
Нæ дæм кæсдзæн тигъмæ.
Фæлтау уый рæйдзæнис
Ыстъалытæм, мигъмæ....
Автор:
КОЗАЕВ Исидор