АЗЫ АФОНТЫ ГАДЖИДАУ
УАЛДЗÆГ:
Нырма æз—худгæбыл къуыбыртæ,
Уæздан — мæ цъæх фæлыст, хъуымбылтæ,
Гæзæмæ урс дидинтæй — халас...
Зæххыл æрцæуын райгæ алаз,
Афтидæй нæ, лæуут мæ зæрдыл, —
Рæвдаугæ атыхсдзынæн сæрдыл...
СÆРД:
Лæдæрсы уаргъы бын мæ чъиухид,
Ердженау сдæрзæги мæ рихи...
Обæуттæ алыран — мæ фæллой,
Нæ вæййын, никæд æз æппæлой.
Ирыстон хор-зæйæ — æгæндæг,
Дыдагъ у фæззæгæн йæ бæндæн...
ФÆЗЗÆГ:
Ивайы цадæггай мæ къæмис,
Сæхи ныттызмæг ластой хæхтæ...
Ифтонг у алцæмæй мæ къæбиц,
Дыууæрдæм зад цæнгтæ — дыдæгътæ.
О, зонын дзаг фынгыл мæ сæрфат,
Рæдау Ирыстонæн — мæ бæркад.
ЗЫМÆГ:
Сæрфат куы базыдтон мæ тыхæн,
Гблуагъæ, райдыдтон уæд ихæн ..
Ривадхъæр не скæндзæн мæ куырой.
Гæмхеттæй, сугцухæй, мæгуырæй —
Егъау, мæстыгæр вæййы зымæг,
Йæ мастæн нал вæййы æрнымæг...
АФÆДЗ:
Ныуæрдын æвзарты мæ хъармы.
Ис номы гаджидау мæ армы.
Лæууынц цыппар фырты мæ радгæс,
Сыгъзæрин бæркадыл —сæ сагъæс...
Автор:
КОЗАЕВ Исидор