ФÆЛÆ ТА НОГÆЙ...
«Уарзы, нæ уарзы?» — нæ барæн уыд цил,
Фæлæ на’ разындис амонды авдæн...
Афтæ æз уарзтæй нæ бавзæрстон цин,
Кодтон уын чызджытæй иудадзыг сайды.
Уыцы æнкъарæн мын расайы маст,
Ннкуы мыл æрцыд хæрзæбоны арфæ.
Фæлæ та ногæй æрыздæхы уарзт,
Худгæйæ уалдзæг куыд æрцæуы, афтæ.
Ногдзыд кæрдæгау у зæрдæ фæлмæн,
Чи зоны уалдзæджы хинтæ, тæхуды!
Æмæ та сайы йæ бибитæй мæн,
Уарзоны цæст мæм йæ дидинтæй худы...
О, фæлæ хæхтæм ыскодтон мæ каст,
Уæнгтæ фæзыд ысты фæззæджы хъармыл.
Нал ысфидаудзæни дидинты баст
Абон мæ фæллад, цæрмысчилтæ армы...
Фæлæ. та ногæй æрыздæхы уарзт,
Худгæйæ уалдзæг куыд æрцæуы, афтæ.
Уадз æмæ ноджыдæр бавзарон маст,
Иухатт ма ракæнон уалдзæгæн арфæ...
IV. 77.
Автор:
КОЗАЕВ Исидор