НЫННÆР, МÆ ХУР, МÆ ФÆНДЫР
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ
фæндыр,
Бæрзонддæр сис нæ тохы бон дæ зарæджы хъæлæс!
Мæнæн мæ туг фæкалди, мæ фыцгæ туг, дæ тæнтыл,
Цæмæй нæ бæстæн бафидон нæртон фыртау йæ хæс.
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ
фæндыр,
Ныннæр тыхджын, куыд æрхъусой нæ быдыртæ, нæ хох!
Æгъгъæд у балцы цæуын нæ фыдæлты хæтæнтыл, —
Ныббырс, цæй, хæстмæ, сахъ фæлтæр, Фыдыбæстæйыл —
тох!
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ
фæндыр.
Тæппудау тохы бамбæхсынæн ма бацагур къуым!
Ныззар дæ хæстон зарæг, мах фенкъуысæм дæ
фæдыл,
Фæстæмæ тохæй чи лидза, уый фестæд цавддур уым!
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ
фæндыр,
Æмризæджы куыд нырриза фашистон куыйты ’рдонг!
Æз ме ’хсаргард ныссадздзынæн цъаммар ызнаджы
тæнты
Цæхæркалгæ, æгъатырæй йæ сау фистоны онг.
Ныннæр тыхджын хъæлæсæй, ныннæр, мæ хур, мæ
фæндыр,
Бæрзонддæр сис нæ тохы бон дæ зарæджы хъæлæс!
Мæнæн мæ туг фæкалди, мæ фыцгæ туг, дæ тæнтыл,
Цæмæй дæуимæ бафидон Фыдыбæстæн йæ хæс.
Автор:
БАСИЕВ Дзамболат