РОГ ХЪАЗЫД ДЫМГÆ НÆ ФÆРСТЫ СИРГÆ...
Рог хъазыд дымгæ нæ фæрсты сиргæ,
Фаллаг фарс донæн нæ хъæу æрфынæй.
Сæ хуыз æвдыстой рæсугъд, æрттивгæ
Арвы хæзнатæ доны цъæх бынæй.
Куывтой нæ размæ бæрзонд бæлæстæ,
Бæрзонд бæлæстæ — фыдæлты карæн...
Цæмæй фиддзынæн дæуæн дæ хæрзтæ,
Дæ хорздзинæдтæн нæй аргъ ыссарæн...
Дæуæн æрмæстдæр, мæ рухс хуры хай,
Дæуæн æрмæстдæр — фæндаг мæ риумæ.
Тæхуды æмæ, зарæджы æмбай,
Зарæджы æмбай фæцæр дæуимæ...
Автор:
БАСИЕВ Дзамболат