ХЪÆУ...
Хъæу...
Фæздæджы зилдухæнтæ...
Хъæр...
Цъæхахст...
Æлгъыст...
Уынджы туджы кул, пырхæнтæ...
Додойаг æвзыст...
Сау фæнычы дымгæйы фу
Хæхтырдæм хæссы.
Бон æнкъардæй обауы цур
Сыгъд хъæумæ кæсы.
Хъæу æрсабыр.
Афтид къултыл
Сау ала лæууы...
Хъæуы æдде доны былтыл
Хæст нырма цæуы.
Автор:
БАСИЕВ Дзамболат