ДИДИНӔГМӔ
Хъаз, худ уал, дидинӕг, фӕлмӕнӕй,
Уӕрӕх дӕ цъӕх сыфтӕртӕ хӕсс.
Дӕуӕн дӕ рӕсугъд хуыз, тӕмӕнӕй
Нӕма, нӕма бафсӕстӕн ӕз.
Нырма нӕма фенцад йӕ тунгӕй
Налат ызнӕгтимӕ нӕ хӕст.
Мӕ кард нӕма ’руазал йӕ зынгӕ,
Ӕрцъынд нӕма комы мӕ цӕст.
Мӕ риуы мастӕн нӕй ныккӕнӕн,
Мӕ размӕ карз тох ӕмӕ арт.
Дӕуӕн цъӕх хӕрдгӕйӕ — дӕ цӕрӕн,
Мӕнӕн та хӕсты у мӕ цард.
Хъаз, худ уал, дидинӕг, мӕ уарзон,
Уӕрӕх дӕ цъӕх сыфтӕртӕ хӕсс.
Цытджын уӕлахизимӕ райсом
Дӕумӕ ӕрыздӕхдзынӕн ӕз.
1944 аз...
Автор:
БАСИЕВ Дзамболат