Фæдес цæуй; ци фæдес æй?
Куресбæл зинг фæццæфстæй.
Къæлмæг кæсуй æ гъæбесæй, —
Æнхос кæнуй æ цæстæй.
Нур æй даруй æ зæрдæбæл;
Курес хъурмæй куд кудтæй,
Фал уæд хуæстæй æ сунтæбæл, —
Кæунмæ гъæр ниххудтæй.
Омæн йе ‘рдæг ку расугъдæй —
Тухсун райдæдта къæлмæг.
Мах дæр хинцуй гъæла дзурдæй —
Цидæр фæцæй æ ходæг.
Омæй дæстæг фæййервазтæй.
Къæлмæг бунтæй ниссугъдæй.
Рандæуо нур æнæмастæй,
Фунук иссæй дæу фудæй.
***
Фæдис цæуы: цы фæдис у?
Куырисыл зынг фæхæсти.
Къæлмæг кæсы йæ хъæбысæй, —
æххуыс кæны йæ цæстæй.
Ныр æй дары йæ зæрдыл дæр;
Куырис куы 'рцыд мæлынмæ,
уæд уый хæцыд йæ сины сæр, —
хъæрæй ныххудт кæуынмæ.
Уымæн йе 'рдæг куы басыгъди —
тыхсын байдыдта къæлмæг.
Мах дæр хынцы æрра дзырдæй —
цыдæр фæци йæхæдæг:
«Уымæй-ма дæстæг фервæзти,
Къæлмæг бабын хæрз сыгъдæй».
Ацу гъеныр æнæмастæй,
Фæнык фæци дæу фыдæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур