Мулкджын лæг, дæ тох ныууæдз,
Хъаймæтджын лæг хид кæны.
Куыстыл ифтыгъд — мах куырдадз,
куынцгомæй сырх зынг кæлы.
Мулкджын лæг, фæцис дæ рад.
Царды 'ндæр æндæрг хæты.
Дин — дæ уазты уаз, дæ мад,
сау хъуырты низæй нæты.
Фæндаг — даргъ æмæ фæтæн,
дары рухс нæ хид-сыгæй.
Мулкджын лæг, дæ сæгъ нæ скæн,
батайдзынæ мах зынгæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур