Зылдæй бадынц, ба, дæс лæджы,
сæ ахæстыты куы фæрсынц.
Алчи уарзы йæ хæстæджы, —
фæрсласонтæ сын куы кæнынц.
Тæрхон кæнынц: «Удхор зинтæ
бафидæнт сæ дыгай минтæ!»
Алчи йæ хæс рафиды 'мæ
ф'аууон вæййы лæбурынмæ.
Фыдлæг буц у сæ тæрхонæй,
ратты-иу сын йæ уæлдæйттæ, —
уайы цæрдæг, æвæсмонæй,
ракæнынмæ йæ фыдвæндтæ.
Зылдæй бадынц, ба, дæс лæджы
æмæ се 'хцатæ куы уарынц.
Алчи уарзы йæ хæстæджы —
фæндарастыл сын фæкувынц.
Автор: БАГРАЕВ Созур