Цæгæр бæласау
тухтаутæ кæнгæй,
бæгъатæр арсау,
æдæрсгæ цæугæй,
Нæ хуæнхти къумтæй
кæми нæ зилдæй?
Нæ сонти æгтæй
кæми нæ фунхтæй?
Æрнинзæронд æй
ахургæнæгæй,
федеуæг уогæй,
над амонæгæй.
Уæхæн фиййауæн
куд арфæ кæнæн?
Къумух æвзагæн
хъæбæр зин зæгъæн.
***
Цæгæр бæласау
тыхтаутæ кæнгæ,
бæгъатыр арсау,
æдæрсгæ цæугæ,
нæ хæхты къуымтæй
кæм нæ фæзылдтæ?
Нæ сонты æгтæй
кæм нæ фæсыгъдтæ?
Ныр нын зæрондæй у
ахуыргæнæгæй,
фидиуæг уæвгæ,
фæндагзонæгæй.
Ахæм фиййауæн
куыд арфæ кæнæм?
Къуымых æвзагæн
хъæбæр зын зæгъæн.
Автор: БАГРАЕВ Созур