«О, мæ хорз мад, мæ хорз мад!
Цард мын кæныс æнæад, —
дæн дæ хъомыл, куы зоныс,
былæй мæ уæд цы ссоныс.
Тагъд фæкæндзынæ фæсмон,
дзурдзынæ ма: «О, мæ бон!»
О, мæ хорз фыд, мæ хорз фыд!
Нæу дын фæндон мæ райгуырд,
гъе, æмæ мын ницы дæ!
Дæ мын кæд, уæд цы фæдæ?
'Рмæстдæр бæллыс ирæдмæ,
схойыс мæн та мæлæтмæ.
О, ме 'фсымæр, ме 'фсымæр!
Усгуртæн фæцыд сæ хъæр,
Уæд гæртæмттæ — дæ хуртæ,
Нал дæ 'ндавынц дæ хотæ.
Раст дын цыма фос ысдæм,
Армукъайыл хæст ысдæ.
О, мæ хотæ, мæ хотæ!
Минæвæрттæ — удхортæ, —
Цас сæ хынцы нæ хорз мад, —
Куы нæ кæны быны 'гад.
Ау, куыд ын у, куы рохæй —
Фехстон мæхи нæ хохæй.
Ут мын сымах хъæргæнæг,
Рустæтонгæ, уæхæдæг,» —
афтæ дзургæ, кæугæйæ
атахт хохæй лæугæйæ.
Гъе, фæлæ та сын уæддæр
сарæхст чызгæн йæ кæсдæр.
Автор: БАГРАЕВ Созур