Сумах нин рохсаг фæцайтæ —
хуæздæр загъд уин нæ зонæн,
мах туххæн сумах уæ одтæ
æрхастайтæ нивондæн.
Хорагор надбæл цудайтæ
рæстдзинади æдæрсгæй, —
‘ма фæцæй сумах уæ хайтæ
нæ хецæуттæн сæ цъухæй.
Сумах нин рохсаг фæцайтæ,
уæ дуйней ихæс фист æй, —
фал тæрсæнтæ нæ хецæуттæ —
нæ фæццæрдзйан æвдустæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур