Хорзæн гуырд лæг, бæстæ уарзгæ,
Нæ фæмæлы æвзæрау.
Æвæццæгæн, хъизæмарæй
рæхджы мæлын хуыздæр у.
Ныр дæр ма нын куы цардаид —
бæргæ нæ хъуыди йæ сæр.
Уæд абон махмæ хъуыстаид
нæ бæрзонд хæхтæй йæ хъæр.
Йæ фыдæбон йæ уарзонтæн
хæлар фæци сæ фæндон.
Йæ мысгæйæ нæ мæгуыртæн
æсаккаг ис цæрæнбон.
Йæ мысгæйæ зæрдæрайгæ
цард аразæм лæгдыхæй.
Нæ фæлмæн дзых зæрды дуар у,
йæ мысæн у нæ дзыхæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур