Æрæмбурд æнцæ æнгартæ,
мæн дæр гъазтмæ фæххудтонцæ.
Гъай-гъай, хори хузæн бæрзонд
рæсугъд кизгæ мæхе уарзон.
Гъазтмæ цæун ку райдæдтон,
рæсугъди дæр уæд базудтон.
Гъай-гъай, хори хузæн бæрзонд
рæсугъд кизгæ мæхе уарзон.
Рæсугъд кизги ку базудтон,
хæдзарæ уæд нæбал зудтон.
Гъай-гъай, хори хузæн бæрзонд
рæсугъд кизгæ мæхе уарзон.
Рæсугъди хæццæ ку’ркафун —
къанфетти æргътæ фесафун.
Гъай-гъай, хори хузæн бæрзонд
рæсугъд кизгæ мæхе уарзон.
Фал рæсугъди ку æрхонон —
хæдзарæбæл æхцул уодзæн.
Гъай-гъай, хори хузæн бæрзонд
рæсугъд кизгæ мæхе уарзон.
Автор: БАГРАЕВ Созур