Зæгъун, нæ дæн гъосæй къуру,
нæ дæн къуру сæрæй дæр.
Хонетæ мæ гъолон уру,
фегъосун уой дæуæй дæр.
Мæ гъос хæссуй уой мæ сæрмæ,
сæр æй дæттуй мæ зæрдæн.
Зæрдæ’й æрветуй игæрмæ —
йе’сæвд оми’й уæ дзурдæн.
Зæгъун, дзорун ци пайда æй,
фæлтау хуæцун мæ цъухбæл.
Зин æй цæрун æнæ’мбалæй,
нæййес хуæцæг мæгурбæл.
Зæгъун, нæ дæн гъосæй къуру,
нæ дæн къуру сæрæй дæр.
Мæ ном хуннуй гъолон уру,
фегъосун уой дæуæй дæр.
***
Зæгъын, нæ дæн хъусæй къуырма,.
нæ дæн къуырма сæрæй дæр.
Хонут-иу мæ хъулон уыры,
фехъусын æй дæуæй дæр.
Мæ хъус хæссы уый мæ сæрмæ,
сæр æй дæтты зæрдæмæ.
Зæрдæ йæ 'рвиты игæрмæ —
уæ дзырд сæфы дæлæмæ.
Зæгъын, дзурын цы пайда у,
фæлтау хæцон мæ дзыхыл.
Зын у цæрын æнæ 'мбалæй,
нæй фæхæцæг мæгуырыл.
Зæгъын, нæ дæн хъусæй къуырма,.
нæ дæн къуырма сæрæй дæр.
Мæ ном хуыйны хъулон уыры,
фехъусын æй дæуæй дæр.
Автор: БАГРАЕВ Созур