Ма зæгъетæ, æнæ ‘мбалæй
нæ хевастæй исистæн.
Ма зæгъетæ, афонæ’й, ‘ма
нæ цæвгути ниццæвæн.
Гъæла марæг ци фудгин æй,
ардауæг æй кæд ес, уæд?
Сæ ардауæг губунгин æй, —
уæ тæрегъæд уин есæд.
Ниннæуагътæ мæстæйдзагæй,
ергъæв дæр уæ нæ кæнæн.
нæ хецæуттæ кувди бадгæй,
нæ кæрæдзей нæ цæгъдæн.
Ирон тогæн ходуйнаг æй
хæлæф кæнун, нæ бæлсун, —
банæуагътæ æмхузонæй
æд æмбæлттæ исистун.
Автор: БАГРАЕВ Созур