Мæгурти Уасгерги,
хуарз агъаз бакæнæ,
не Сфæлдесæгæй дæ
уой корæг кæнун.
Мæгурзæрдæ лæги
æнамонд ма скæнæ —
йе стонг сабити ин
ма ‘суадзæ кæун.
Талингæ къумтæмæ
æртæхгæй арфæмæ,
зиндони цæргути
рауадзæ хонхæй.
Не ‘лдæртти фæндон нæ
нæ кæнгæй ахæрмæ,
хумгæнгути фуртти
бафсадæ зæнхæй.
***
Мæгуырты Уастырджы,
дæ хорз ахъаз бакæн,
не сфæлдисæгæй дæ
уый курæг кæнын.
Мæгуырзæрдæ лæджы
æнамонд ды ма скæн —
йе стонг сабиты йын
ды ма суадз кæуын.
Нæ талыяг фыд-къуымтæм
арфæмæ æртæхгæ,
зындоны цæрджыты
рауадз нæ хохæй.
Не 'лдæртты фæндон нæ
адзалмæ кæ тæргæ,
хуымгæнджыты фыртты
ды бафсад зæххæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур