Бæргæ дæн кавказаг,
фал нæ дæн агъаззаг, —
ма ми гъаст кæнæ.
Зæгъун дин фæразун,
зин мин æй ниуазун
къахеттаг сæнæ.
Нæ зарун, нæ кафун,
зин мин æй æййафун
цурд гæппгæнæги.
Зæронд дæн, нæ бæззун,
мæ миутæй нæ фæнзун
нæ нæртон лæги.
Мæ уалдзæг кæрдæггун,
мæ фæззæг тиллæггун
цæмæннæ фæцæй?
Æвзаргæй фурæстонг,
нæбал косуй мæ тог
уæхæн сагъæсæй.
Бæргæ дæн дигорон,
фал мæ тог мæ фæндон
нæбал æзмæлуй.
Ниммæуадзæ, корун,
идзулун нæ зонун,
нæ мæ евдæлуй.
***
Бæргæ дæн кавказаг,
фæл' нæ дæн ахъаззаг, —
цæй, ма мæ хъаст кæн.
Зæгъын дын фæразын,
зын мын вæййы нуазын
сæн, къахеттаг сæн.
Нæ зарын, нæ кафын,
зын мын у æййафын
Цырд гæппгæнæджы.
Зæронд дæн, нæ бæззын,
мæ митæй нæ фæзмын
нæ зæронд лæджы.
Мæ уалдзæг кæрдæгджын,
мæ фæззæг тыллæгджын
цæмæннæ фесты?
Быхсгæйæ фырæстонг,
нал кусы мæ сырх туг
ахæм сагъæсты.
Бæргæ дæн дыгурон,
фæл' мæ туг мæ фæндон
куы нал æзмæлы.
Ныууадз мæ, уый курын,
æз райын нæ зонын,
нæ мæ æвдæлы.
Автор: БАГРАЕВ Созур