Бадæг уæлдзарм кæрцы
хъал митæ кæны.
Кусæг йæ бызгъуырты
хъæдсæрты хæты.
Симынмæ, зарынмæ
арæхсгæ — бадæг.
Ихæны, уарынмæ
баззайы кусæг.
Автор: БАГРАЕВ Созур