Зæнхиуарæг уин адтæн...
Мизд агорæг уи н’адтæн.
Æнвæрстайтæ мæ кустбæл.
Исистайтæ мæ ухстбæл.
Уæ уорс бицъо фæззиндтæй —
нæбал гъудтæн уæд уе’хсæн.
Нæуæг дуйне æрзилдæй,
хуæрзгæнæгæн зæрдресæн.
Ку бахастайтæ уæ гъаст,
ку рахъал айтæ фунтæй,
мæ хæдзæрттæй уæхæн маст
исистайтæ сæ бунтæй.
Фал уой фæсте уин уæддæр
ку фæттахтæй уæ уорс сæр,
уæд иссайтæ нæхецон,
цæстфæлхатæг, фæдесон.
Уæ рагон маст нæ тайуй,
мæ хъалон уин æрхи тас.
Æрдæгмардмæ нæбал уй
лæги хъаурæ, лæги тас.
Автор: БАГРАЕВ Созур