Æвиппайды Бештауæй
цы сау мигътæ фæзынди,
нæ Еляйы ныццавдæй
нæ уаз дзыуар ыссыгъди.
йæ дæлбазыр цъæх хæрæг
æфхæрд рагъæй лæууыди.
Ныр нал æй ис æфхæрæг,
зæххыл дæр ма лæууыди!
«Æрвдзæфæн нæм куывд хъæуы,» —
Куыд сызмæлыд нæ адæм.
Кæй бон цы у нæ хъæуы,
æрхæссæд уый бæркадæн.»
Цы куывды нæу, цы, уарæг
нæ галиу хъус, нæ дарæг, —
кæй йе 'мсæрæи æрхæссы,
кæй зыгуымы нымбæхсы.
Автор: БАГРАЕВ Созур