Кæдмæ цæрдзйан æнæ зæнхæй,
кæд исодзйан æнæ ‘лдар?
Дæ фудголмæ фæффудæнхæй, —
исæрхæнтæ уй æ цар.
Æ зæнхæбæл ку фæккосæн, —
фæддæттуй æй æмбесбæл.
Хевастæй дзи ку фæййесæн —
нæ ауæрдуй æ уесбæл.
Ку бакосæн нæ тиллæгбæл, —
исæйбаруй тæразæй.
Ка нихходуй дзæгъиндзæгбæл
цъеу æскъæфгæй æ разæй.
Сæ дзæбæхтæ син равзаруй, —
æхе къох æй æ тæрхон.
Æ уæлдæйттæ нин байзайуй,
ранинзæгъуй хуæрзæбон.
Ка дæ фæууа, уой æрласæ,
бадзифедæ дæ хъалон.
Ци хиццаг æй нæ минасæ?
Ранæфæнзуй нæ халон.
Бæргæ дзорæн нæ хабæрттæ,
бæргæ тухсæн нæ незæй,
фун уингæй дæр ма æ хæццæ
бæргæ хуæцæн гъæбесæй.
Бæргæ косæн, фал не’лдарæн
ци федар æй æ сæрбонс.
Исæнтæстан гъезæмарæн,
æнгъæлуй нæ æ саувонс.
***
Кæдмæ цæрон æнæ зæххæй,
кæд суыдзынæн æнæ 'лдар?
Дæ фыдгулмæ фæфыдæх дæ,—
уæд цин кæны йæ хæдзар.
Йæ зæххыл-иу куы фæкусæм,—
фæдæтты йæ æмбисыл.
Хивастæй дзы куы фæисæм, —
нæ ауæрды йæ уисыл.
Куы бакусæм нæ тыллæгыл, —
йæ ис бары тæразæй.
Чи ныххуды дзæгъындзæгыл
цъиу æскъæфгæ йæ разæй.
Сæ дзæбæхтæ сын равзары, —
йæхи къух у йæ тæрхон.
Йæ уæлдæйттæ нын баззайынц,
Фæзæгъы нын хæрзæбон.
Чи дæ фæуа, уый æрласгæ
бафиддзынæ дæ хъалон.
Цæйаг ма у нæ минас та?
Рафæзмы нæ нæ халон.
Бæргæ дзурæм нæ хабæрттæ,
бæргæ тыхсæм нæ низæй,
фын уынгæ дæр ма уыимæ
бæргæ хæцæм хъæбысæй.
Бæргæ кусæм, фæл' не 'лдарæн
цы фидар у йæ сæрбос.
Сæнтыстыстæм хъизæмарæн.
Æнхъæлы нæ йæ саувос.
Автор: БАГРАЕВ Созур