Фæззиндтæй одесæг,
æвзедуй лæхъуæнмæ
æ циргъ цæвæгæй.
Нæ фæндуй æ оси
æртæсун абони
æ уарзон лæгæй.
«Фæззинæд цъæх бæхгин,
фæлледзæд цæвæггин
æ цæсти ‘нгасæй.
Æрхæццæ ‘й Уасгерги,
æрсæрфта нæ сæйги
æ гетен дусæй.
«Толдзæй уин хæдзæрттæ.
Уарзонæй цæретæ
они фехсудмæ».
Мæгурдæр фæууæнтæ,
омæй син байвардта
мæнгæттæ зæрдæ.
Фæццардæй еу анз ма, —
нæ бæлгæй адзалмæ,
фæззиндтæй имæ.
Дзиназуй æ осæ,
фæббæллуй æноси
æ ниммæлунмæ.
Нæуæг æй хæдзарæ.
Æртæхуй лæхъуæн дæр
гæкгуги хузи.
Кæун ма — сæ барæ.
Æрбадуй ностæ дæр
сæ фæткъуй буни.
Нæ гæкгуг сæударæй
фæууасуй бæласæй
æнæ фæлмæцгæй.
Нæ саудар гæкгугæн
аразуй минасæ
æ цæсти сугæй.
***
Фæзындис удисæг,
æвзиды лæппумæ
йæ цыргъ цæвæгæй.
Нæ фæнды йæ усы
хицæп кæнып абон
йæ уарзон лæгæй.
«Фæзынæд цъæх бæхджын,
фæлидзæд цæвæджджын
йæ цæстæнгасæй»,
Æрхæццæ Уастырджы,
æрсæрфта рынчыны
йæ четæч дысæй.
«Тулдзæй уын хæдзæрттæ.
Уарзонæй фæцæрут
сæ баихсыдмæ».
Мæгуырдæр куы фесты, —
уымæй сын бавæрдта
мæнг-æттæ зæрдæ,
Фæцардис ма иу аз, —
нæ бæллы адзалмæ,
фæзындис уымæ.
Дзыназы йæ тыхст ус,
фæбæллы 'гас æнус
йæхи мæлынмæ.
Нæуæг у йæ хæдзар.
Æртæхы лæппу дæр
гаккуччы хуызы.
Кæуын ма — сæ бар у.
Æрбады нæ чындз дæр
сæ фæткъуыйы бын.
Нæ гаккукк, сау даргæ,
фæуасы бæласæй
æнæ фæлмæцгæ.
Нæ саударæг скæны
гаккуккæн минастæ
йæ цæстысыгæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур