Бунмæ ниллæбурай, нæ уазал Уаза!
Нæ тухст царди бон нæ нæбал гъæуй.
Азуймаг нин фæууай, нæ сау аласа,
æнæ уаргъæй дæр нин нæбал цæуй.
Цъæх цирен исуадзай, нæ рæсугъд будур,
дууех ди ку кæнуй лæги зæрдæ.
Ку неке ни гæлдзуй æ цъумур бузур.
Ци цард ма нæ гъæуй нæ фæсмæрдæ?
Дæ нивæ бахуæрай, нæ сау гъæди сирд!
Ци хъæбæр хиццаг æй дæ гъæдтон цард.
Устур лæг нин исуай, нæ Совети фурт,
бæрцæбæл æруогæй дæ зæрди нард.
Автор: БАГРАЕВ Созур