Сæ фидæ сæйгæй
листæни хетуй.
Æ кизгæ, кæугæй,
гъизт бон æрветуй.
Хæдзарæ уазал,
зилдæй ниййех æй.
Ниндзарæ, мадзал
зинæн фудæнхæ’й!
Сæ мадæ сонтæй
æ хъаурæ гъаруй,
усхъæ фæсонтæй
хæдзарæ даруй.
Сабитæ, бæгънæг.
Нæма ‘нцæ кустгъон.
Сæхтæг — æнæ’гънæг,
ивад — сæ цæсгом.
***
Сæ фыд сæйгæйæ
лыстæны хиты.
Йæ чызг, кæугæйæ,
хъызт бон æрвиты.
Сæ хæдзар — уазал,
зылдæй ныййих и.
Нындзар, йæ мадзал
зынæн — фыдæхæй!
Сæ хорз мад сонтæй
йæ хъару хъары,
йæ уæхск фæсонтæй
сæ хæдзар дары.
Сабитæ — бæгънæг.
Нырма — æгуыстхъом.
Сæхтæг —æнæ 'гънæг,
ивад — сæ цæсгом.
Автор: БАГРАЕВ Созур