Æнæвгъауæй нал уарыс,
Цæссыгæй нæ æрæхсыс.
Нæ хъалы дзырд куы хъусыс:
«Цæуыл кæуыс, цы кæныс?»
Ницы зæгъыс фæндонæй.
Дæ зæрды уаг нæ дæттыс.
Хъал лæджы дзырд æргом у,
йæ зæрдæмæ нæ цæуыс.
Автор: БАГРАЕВ Созур