Мæ хæлар, ме ‘нгарæ!
Биццеуæй нæ дууæ
ниуазæн уарзунмæ
баниуазтан.
Нæ хъал цард абони
æфтуйуй мæ зæрди,
цæрдæгæй гъæунгти
куд фæгъгъазтан.
Раст зæгъун, фæндуй мæ
нур дæр ма дæ хæццæ
разарун алкæддæр
зæрдæрохсæн.
Фал мæнæн мæ бæнттæ
цубурдæр фæцæнцæ,
рамардæй мæ зæрдæ,
базæронд дæн.
Æлгъетун мæ оди:
нæ бæззуй, æнгари
куд уарзун, уой зæгъун
нæ фæразун.
Фал уæддæр нуртæккæ
æргомæй ци сдзорон —
раст уодзæй: «æнгари
берæ уарзун».
Кæд æз нур дæ хæццæ
нæ цæун зарунмæ,
уæддæр ма мæ зæрдæ
мæ медæгæ’й.
Мард мæ ма фæххонæ —
арæхсдзæн кæунмæ,
мæхе дин нихсдзæнæн
цæстисугæй.
Нæ уогæй рантæстæн,
бæласау райрæзтæн,
сæргъæнау давунмæ
нæ фæццудтæн.
Æнамонд разиндтæн,
мæ цардæй фесхъиудтæн.
Зунд дин æй, цæхæри
куд исфунх дæн.
Мæ хæлар, ме’нгарæ,
хæстæг дæн мæрдтæмæ,
тагъд мæмæ идардмæ
дзиназдзæнæ.
Есгæд-еу фур мæстæй
ку реса дæ зæрдæ,
уæд мæбæл уæрæйдæ
нæ зардзæнæ.
Автор: БАГРАЕВ Созур