Уарæ, уарæ нæ хумтæбæл! —
Хуймон йе’фсæртæ цæгъдуй,
уæддæр коруй хуæздæр æнгъæл:
уарæ, хор нæ нæ гъæуй.
Дæттæ зæнхæн сонгун æртæх,
цæмæй фæззæг гъæздуг уа,
цæмæй зумæги ме’фхæлд бæх
фидæй, фиуæй бæзгин уа.
Цæмæй тиллæг анзи фагæ
фæззæг æмбурд æрцæуа.
Уарæ, цæмæй дæу рæуагæ
мæлæт уæддæр ма фæууа.
***
Уар 'мæ уар нæ хуымзæххытыл!
Хуымон йе 'фсæртæ цæгъды,
уæддæр куры хуыздæр æнхъæл,
уар, мæн хур нæдæр хъæуы.
Дæтт нæ хуымтæн сойджын æртæх,
цæмæй фæззæг хъæздыг уа,
цæмæй зымæджы ме 'фхæрд бæх
фыдæй, фиуæй бæзджын уа.
Цæмæй тыллæг хор-хъуыддаджы
фæззæг афæдзы фаг уа.
Уар, цæмæй нæм дæу руаджы
мæлæт уæддæр ма фæуа.
Автор: БАГРАЕВ Созур