Мах цидæр уарзтан,
уой исаразтан,
догъи фæууайгæй.
Фал фараст анзи
мах н’ан арази
нæ царди уагæй.
Цæй, бафæразæн, —
цард исаразæн
нæуæг æгъдаубæл.
Цæй, бафæразæн —
уаргъ ма ниууадзæн
нæ нæуæгдзаубæл.
Мард кæуйнаг æй,
хист хуæруйнаг æй
зæронд æгъдауæй.
Фал цæмæй ресæн,
уой нур райесæн
кæрæдзей рагъæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур