Нæ ностæ, нæ ностæ,
нийтиндзæ дæ гъостæ,
фегъосæ нæ гъæр.
Хай дин цæсти сугтæ,
фал ду нæ мæсуг дæ,
гъæуис нæ хъæбæр.
Ниууадзæ де’фсæрмæ,
нигъгъазæ не’хсæнмæ,
райхæлæд дæ цъух.
Реу дæр исихалæ,
раргом уо, никкалæ
сау зæрдæн æ пурх.
Ракæнæ дæ зартæ,
райсдзæнæ дæ бартæ,
райсæ сæ, хæлæф...
Зад хуми равзурæ,
тар къуми ма’взуйæ,
ласуй дæ Ирæф.
Автор: БАГРАЕВ Созур