Уалдзыгон цъиу нæма уасы.
Хуымон йæ сæр нæ фæфасы.
Хуыздæр хæссын мæ бæхы.
Зонын, уалдзæг куыд æруайдзæн.
Зонын, нард бæх куыд иваздзæн,
йæ тых баззайдзæн зæххы.
Бавзæрстон æз бирæ зынтæ,
тохы бон быхстон мæ рынтæ,
ныр дæр хъæцын мæ цæфтыл.
Абон ме скъуыдтæ æмпъузын,
кусын, суарау нал абузын.
Тых нал æфты хæцæфтыл.
Заргæ зилын нæ быдырты.
Цæуыл зарын? Цæй куыст?
Мысты
'фсадын. Æз дзы не 'фсæдын.
Хъæуы мæ ныр уый саразын,
бæркад нæма ис мæ куысты.
Кæрдзын сылыйы ссæндын.
Автор: БАГРАЕВ Созур