Сæртæ сагъæстæ кæнунцæ.
Къæхтæ цъифæй æфхæлунцæ,
нæбал æнцæ гъæрзунгъон.
Нур абони фæххилæнцæ,
кæрæдзей цъухтæй дæмунцæ;
алке дзоруй æ фæндон.
Ка ке хæссуй? Сæртæ — къæхти!
Ка ке хæссуй? Къæхтæ — сæрти!
Цæуй сæ гъæр, сæ фæдес...
Æнцад бадунцæ губунтæ
‘ма бæзгин фиу æвæрунцæ,
гъигæдарæг сæ нæййес.
Автор: БАГРАЕВ Созур